ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Залдайы хъӕуы 52-аздзыд цӕрӕджы цӕхӕрадоны ссардӕуыд наркотикон зайӕгойты - гӕн ӕмӕ зырзыраджы къутӕртӕ.
Территори басгӕрстой Цхинвалы районы милицийы ӕмӕ наркотикон буарӕдтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ, хъусын кӕны республикӕйы МХМ.
"Басгӕрсты рӕстӕджы оперативон кусджытӕ ссардтой ӕмӕ скуынӕг кодтой гӕны 34 къутӕры ӕмӕ зырзыраджы 164 къутӕры", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаджы архӕйдтытӕ хауынц УФ УК 231 статьяйы 1-аг хаймӕ. Нӕлгоймаг ма раздӕр дӕр уыд ахст бабырст ӕмӕ хӕцӕнгарз ӕнӕзакононӕй дарыны тыххӕй. Уымӕ ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсы уголовон бӕрндзинад.
Цауы тыххӕй ӕрмӕджытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты Хуссар Иры МХМ слестгӕнӕн управленимӕ.