Хуссар Иры УФ минӕварады консулон хайад ногӕй райдыдта исын ӕмбӕстӕгты

Бӕстӕйы дипломатон минӕварадмӕ ӕмбӕстӕгты райсты режим фӕивта июны кӕрӕтты УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын ауадзыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы консулон хайад ногӕй гом у ӕмбӕстӕгты райсынмӕ, хъусын кӕны дипломатон минӕварады пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты 80% фылдӕр хорзыл банымадтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ

"Минӕварады консулон хайад 13 июлы райдыдта исын ӕмбӕстӕгты консулон фарстыты фӕдыл. Куысты режим нӕ фӕивта, цӕрджыты исдзысты къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ 10.00 сахатӕй 13.00 сахатмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Консулон хайад сӕхгӕдтой 25 июны – ацы период Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы цыд ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕдӕттын Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл.

Минӕварады фехъусын кодтой, консулон хайадмӕ бацӕуынӕн ӕмбӕстӕгтӕм кӕй хъуамӕ уа документ, кӕцы бӕрӕг кӕны сӕ гоймагдзинад, афтӕ ма пайда кӕной сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй.