ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕм къуырисӕрӕй ӕртыццӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕвзӕр боныгъӕд – тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ ихуард, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) Цӕгат Ирыстоны гидрометеорологи ӕмӕ мониторингы фӕдыл центры бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Республикӕйы территорийыл 13, 14 ӕмӕ 15 июлы уыдзысты тӕрккъӕвдатӕ, ихуард ӕмӕ тыхдымгӕ 20-25 м/с онг", - хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй цӕугӕдӕтты фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн доны ӕмвӕзад, хӕхты та гӕнӕн ис ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ.