Уӕлдӕфон десант скуынӕг кодта "ныхмӕлӕууӕджы" Хуссар Иры хӕхты

Тактикон ахуыртӕ ацыдысты Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтимӕ иумӕ. Уыдоны хайад райстой 3,5 минӕй фылдӕр уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 800 иуӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ раргъӕвтой Хуссар Ирыстоны хӕхты тактикон уӕлдӕфон десант, скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы хӕстон архӕйдтыты центр ӕмӕ, ӕфсӕддон авиацийы ӕххуысӕй, бацахстой знаджы территори. Операци ацыд уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ республикӕйы Гарзджын тыхты иумӕйаг ахуырты фӕлгӕтты, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Хуссар Иры мотоæхсджытæ скуынæг кодтой "знæгты"

Операцийы бынатмӕ десанты бакодтой транспортон-штурмон вертолеттӕ Ми-8АМТШ, афтӕ ма семӕ уыдысты хӕстон вертолеттӕ Ми-28Н "Ночной охотник", радзырдтой ӕфсӕддон зылды.

"Цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕфсӕддонтӕ бацахстой хорз позицитӕ хӕххон бынаты, сорганизаци кодтой операци ныхмӕлӕууӕджы разӕсгарӕн къордты ныхмӕ ӕмӕ скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы хӕстон архӕйдтыты центр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар ӕфсӕддон зылды бафтыдтой, уӕлдӕфон десант кӕй бахъахъхъӕдта сӕйраг тыхты бацыд ахуырадон-хӕстон бынатмӕ.