Цхинвалы рабӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр шашистты

Турниры, кӕцы цыд Цхинвалы районы администрацийы бӕстыхайы, хайад райстой республикӕйы районты хуыздӕр шашисттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд республикон турнир тагъд уырыссаг шашкӕтӕй, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет. Мадзал, кӕцы нывонд уыд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы юбилейӕн, хъуамӕ ацыдаид майы, фӕлӕ карантинон арӕнӕвӕрдты тыххӕй йӕ аргъӕвтой июлы ӕмбисмӕ.

Турниры, кӕцы цыд Цхинвалы районы администрацийы бӕстыхайы, хайад райстой республикӕйы районты хуыздӕр шашисттӕ.

"Финалмӕ ахызтысты Знауыры районы минӕвӕрттӕ – Плиты Хазби ӕмӕ Гӕджиты Тамаз. Турниры уӕлахиздзау ссис фӕлтӕрд хъазӕг Плиты Хазби. Ӕртыккаг бынатыл та ацыд Цхинвалы районы минӕвар Тедеты Николай, кӕцы у республикӕйы иууыл стабилондӕр хъазджытӕй сӕ иу", - хъусын кӕны Шашкӕты федерацийы президенты ныхӕстӕ комитеты пресс-службӕ.

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кодтой майдантӕй, кады грамотӕтӕй ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.