Элентрондыхы хаххы арӕзтад санатори "Ныфс"-мӕ балхынцъ кӕндзысты фӕззӕджы

Хахх аразынц республикӕйы президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Куыстытӕ бабӕрӕг кодта хицауады сӕрдары хӕдивӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Электрондыхы хахх Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъӕуы хосгӕнӕндон "Ныфс"-мӕ ауадздзысты ацы аз фӕззӕджы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ. Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, куыстытӕ бабӕрӕг кодта вице-премьер – экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий.

Электрондыхы хахх аразы Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс", афтӕ ма куыстытӕм ӕрбаздахтой хъӕды хӕдзарад ӕмӕ Знауыры районы ЦКХ хайӕдтӕ, Куыстуаттӕ "Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод" ӕмӕ "Югосетнефтепродукт".

Хосгӕнӕндоны разамонӕг 2011 азӕй фӕстӕмӕ бирӕ хатт бадзырдта республикӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй баххуыс кӕной уагдонӕн аскъуыддзаг кӕнын проблемон фарстытӕ, фӕлӕ хъуыддагыл ныры онг ничи куыста.

Элентрондыхы хаххы арӕзтад санатори "Ныфс"-мӕ балхынцъ кӕндзысты фӕззӕджы

Вице-премьеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарон президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта республикӕйы хицауадӕн аскъуыддзаг кӕнын электроифтонгады проблемӕ Нагутнийы, ӕмӕ йыл ныр куыст цӕуы. Бекъойты Геннадий банысан кодта, хосгӕнӕндон кӕй у популярон санитарон-курортон уагдон ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ уазджытӕн дӕр Уӕрӕсейӕ – ӕрвылаз ам хос кӕнынц сӕхицӕн республикӕйы 200 фылдӕр цӕрӕджы, ӕрдӕг сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы ӕрцӕуынц Цӕгат Ирыстонӕй.

"Хосгӕнӕндоны сӕйраг проблемӕ уыд электроэнергийы цухдзинад, ацы фарст не скъуыддзаг кодтой дӕс азы дӕргъы. Электрондыхы хахх ауадзын фадат ратдзӕн фӕфылдӕр кӕнын улӕфӕндоны гъӕд. Уымӕй дарддӕр махӕн нӕ бон у дзурын бастдзинад ауадзыныл Нагутнимӕ, уый дӕр у уагдоны рагон проблемӕ. Санитарон-курортон ӕмӕ туризмы фадгуытӕ мах хъуамӕ райтынг кӕнӕм", - бахахх кодта Бекъойты Геннадий.

Хосгæнæндоны диссаджы æууæлты кой айхъуыст 1972 азæй фæстæмæ ӕмӕ ардæм адæм цæуын райдыдтой ваннæтæ исынмæ, фæлæ дзы арæзтæдтæ нæма уыд. 2002-2003 æзты санаторий "Ныфс" сарæзта Знауыры цæрæг амалиуæггæнæг Челæхсаты Владимир, хосгæнæндон скуыста куыд æцæг пансионат афтæ.