MiyaGi ӕмӕ Andy Panda рауагътой ног альбом Yamakasi

Альбоммӕ бацыдысты фараст трекы, кӕцытӕ тынг фӕцыдысты музыкантты фанатты зӕрдӕмӕ ӕмӕ сын сарӕзтой бирӕ зӕрдӕскъӕфӕн комментаритӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Ирон зарӕггӕнджытӕ MiyaGi ӕмӕ Andy Panda рауагътой сӕ ног альбом Yamakasi. Уый тыххӕй рэппертӕ фехъусын кодтой сӕ фырсыл социалон хыз Instagram-ы.

Альбоммӕ бацыдысты фараст трекы, кӕцытӕ тынг фӕцыдысты музыкантты фанатты зӕрдӕмӕ ӕмӕ сын сарӕзтой бирӕ зӕрдӕскъӕфӕн комментаритӕ. Альбом Yamakasi-мӕ байхъусӕн ис Интернеты алкӕцы музыкалон фӕзуатыл дӕр.

Дзӕуджыхъӕуккаг дуэт MiyaGi & Andy Panda у бӕстӕйы иууыл популярондӕртӕй сӕ иу. Сӕ зарджытӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатт не ссисты алыгъуызон хит-парадты лидертӕ.