Тесттӕ ӕмӕ специалисттӕ: куыд баххуыс кодта Уӕрӕсе Хуссар Ир ӕмӕ ХПЦ COVID-19-имӕ тохы

Уӕрӕсе 2020 азы февралӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кӕны 32 паддзахадӕн COVID-19-имӕ тох кӕнын. Гуманитарон ӕххуысы ӕрдӕгӕй фылдӕр арвыстой Хӕдбар паддзахӕдты цӕдисы бӕстӕтӕм, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ. Уымӕй дарддӕр ма Цхинвалмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг специалисттӕ дӕр
Sputnik

Данара Курманова, Sputnik

Уӕрӕсе ӕрмӕст медицинон ифтонггарз ӕмӕ хостӕй не ‘ххуыс кодта. Sputnik бацӕттӕ кодта ӕрмӕг уӕрӕсейаг гуманитарон архайды тыххӕй ӕмӕ сбӕрӕг кодта, куыд ӕххуыс кӕны Уӕрӕсе сыхаг бӕстӕтӕн пандемийы рӕстӕджы.

Басгӕрстой алкӕйдӕр

Гуманитарон ӕххуысы фыццаг партитӕ фӕсарӕнтӕм сорганизаци кодтой февралы – Уӕд Уӕрӕсе райдыдта ӕрвитын тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

"Ахуыргондтӕ центр "Вектор"-ӕй сарӕзтой тест-системӕ 19 январы. 7 февралӕй йӕ эффективондзинад рабӕрӕг ис уӕрӕсейаг специалистты балцы рӕстӕджы Китаймӕ. Уый фӕстӕ Уӕрӕсе райдыдта ӕрвитын тест-системӕтӕ фӕсарӕнтӕм, ӕмӕ ахсджиаг аспект ссис  ӕмархайд Евразиаг экомикон цӕдис ӕмӕ ХПӔ бӕстӕтимӕ", - радзырдтой организацийы пресс-службӕйы.

2020 азы 14 июлы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе арвыста фӕсарӕнтӕм коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 734 мин тесты. Ацы бӕрцуаты 55%, 402,7 мин тесты, райстой ХПӔ бӕстӕтӕ, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстон. Тест-системӕты иууыл егъаудӕр партитӕ Уӕрӕсе арвыста Кыргызстан, Узбекистан ӕмӕ Казахстанмӕ.

Тесттӕ ӕмӕ специалисттӕ: куыд баххуыс кодта Уӕрӕсе Хуссар Ир ӕмӕ ХПЦ COVID-19-имӕ тохы

Афтӕ ма Роспотребнадзоры банысан кодтой: уӕрӕсейаг тесттӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг рынчынты Сомихы, Беларусы ӕмӕ Таджикистаны. Фӕлӕ, цӕмӕй тест ауадзай ӕмӕ райсай фӕстиуӕг, уый тыххӕй хъӕуы химикон реагенттӕ дӕр. Уый фӕдыл Уӕрӕсе арвыста фӕсарӕнтӕм реагенттӕ 723 басгӕрст ауадзынӕн. Уыдонӕй 440 минӕй фылдӕр арвыстой ХПӔ бӕстӕтӕм, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ.

Ӕрмӕст тесттӕ нӕ

Уӕрӕсе гуманитарон ӕххуысы хуызы рахицӕн кодта 23 ӕнӕконтактон термотетры, цӕмӕй сӕ сӕвӕрой паддзахадон арӕнты уадзӕн пунктты.

Уӕрӕсе ӕххуыс кӕны Хуссар Ирыстонӕн коронавирусимӕ тох кӕнынӕн – Лавров

Уый тыххӕй радзырдтой Sputnik Роспотребнадзоры пресс-службӕйы. 10 термометры арвыстой Кыргызстанмӕ, 7 – Сомихмӕ, 6 – Таджикистанмӕ.

Уӕрӕсе стыр хъусдард здӕхта дохтыртӕн ахуырадон мадзӕлттӕм. Роспотребнадзор сорганизаци кодта 10 онлайн-лекцийы, кӕцыты рӕстӕджы уӕрӕсейаг дохтыртӕ бакуыстой 30 специалистимӕ ХПӔ бӕстӕтӕй.

Ацыдысты ӕххуысмӕ

Цӕмӕй баххуыс кӕной хӕлар паддзахадтӕн пандемиимӕ тох кӕнын, уый фӕдыл ХПӔ бӕстӕты абон кусынц уӕрӕсейаг дохтырты къордтӕ. Июлы уӕрӕсейаг эпидемиологтӕ ӕмӕ вирусологтӕ ацыдысты Казахстан ӕмӕ Кыргызстанмӕ, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта ӕхцатӕ медиктӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц коронавирусимӕ
Казахстаны ныридӕгӕн кусынц  55 уӕрӕсейаг дохтыры. Бӕстӕйы эпидемиологон уавӕр кӕй февзӕрдӕр ис ӕмӕ карантины режим 2 августы онг кӕй адарддӕр кодтой, уый фӕдыл Уӕрӕсе рахицӕн кодта Казахстанӕн уӕлӕмхасӕн гуманитарон ӕххуыс. Медикаментты казахстайнаг дистрибьютеры "СК-Фармация" бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, гуманитарон ӕххуысы ис хъахъхъӕнӕн дарӕсы 2 790 комплекты, 22 мин маскӕйы ӕмӕ хос "Фавипиравир"-ы  236 иуӕджы. Июлы кӕрӕттӕм Уӕрӕсе арвитдзӕн ацы препараты ноджы 700 мин таблеткӕйы.

Абоны бон уӕрӕсейаг дохтырты къордтӕ кусынц Фӕскавказы дӕр. Сомихы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады информацимӕ гӕсгӕ, бӕстӕйы рынчындӕтты коронавирусимӕ тох кӕнынӕн ӕххуыс кӕнынц 50 дохтыры. 12 июлы та Уӕрӕсейы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад арвыста Азербайджанмӕ Сеченовы номыл Фыццаг мӕскуыйаг паддзахадон университеты дохтырты къорд. Уыдонимӕ иумӕ Бакумӕ ацыдысты 17 дохтыр-бархионы, кӕцытӕ куыстой Мӕскуы, Одинцово ӕмӕ Норильскы клиникӕты.

Сербийӕ Лаосмӕ

Фӕлӕ хъӕуы банысан кӕнын: Уӕрӕсе ӕрмӕст ХПӔ бӕстӕтӕн не ‘ххуыс кӕны. Sputnik базыдта Роспотребнадзоры, пандемийы рӕстӕджы Уӕрӕсе баххуыс кодта 32 бӕстӕйӕн.

Уӕрӕсе ӕнӕаргъӕй арвыста коронавирус сбӕрӕг кӕны фӕдыл тесттӕ Гвинея, Непал, Коста-Рика, Никарагуа, Палестина, Афганистан, Куба, Лаос, Доминика, Ливан, Серби, Венесуэла, Египетмӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм.