Цхинвалы цӕрӕгӕн стӕрхон кӕндзысты гӕн зайын кӕныны тыххӕй

Наркотикон зайӕгойты культиваци кӕныны фӕдыл уголовон хъуыддаг тӕрхондонмӕ арвыста столицӕйы прокуратурӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Цхинвалы прокуратурӕ сфидар кодта зылынгӕнӕн хатдзӕг столицӕйы 39-аздзыд цӕрӕджы ныхмӕ уголовон хъуыддаджы фӕдыл, кӕцы азымджын цӕуы наркотикон зайӕгойтӕ культиваци кӕныны.

Хуссар Ирыстоны цӕрӕг йӕ цӕхӕрадоны зайын кодта наркотикон кӕрдӕджытӕ

Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕйы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фӕдысгӕрст рабӕрӕг кодта, 2019 азы уалдзӕджы нӕлгоймаг Цхинвалы уынгтӕй иуыл кӕй ссардта гӕны тауинӕгтимӕ къопп. Фӕстӕдӕр сӕ уый ныссагъта йӕ цӕхӕрадоны ӕмӕ дзы ӕрзайын кодта наркотикон зайӕгойы 37 къутӕры. 

Нӕлгоймаг йӕ рӕдыдыл басаст ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, уголовон хъуыддаг ӕрвыст ӕрцыд Цхинвалы горӕттаг тӕрхондонмӕ.

Ивгъуыд къуыри ма Хуссар Ирыстоны ӕссардӕуыд ноджы дыууӕ цӕрӕджы цӕхӕрадӕтты наркотикон зайӕгойтӕ.