Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

Ног рынчынты сбӕрӕг кодтой фыццаг хатт ивгъуыд цыппӕрӕмӕй фӕстӕмӕ, уӕд инфекци рабӕрӕг кодтой дыууӕ ӕмбӕстагӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июля – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой дыууӕ адӕймагӕн, сӕ нымӕцы медицинон кусӕг, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Ног рынчынты сбӕрӕг кодтой фыццаг хатт ивгъуыд цыппӕрӕмӕй фӕстӕмӕ, уӕд инфекци рабӕрӕг кодтой дыууӕ ӕмбӕстагӕн, кӕцытӕ уыдысты карантины.

"Иу суткӕмӕ нӕ лабораторийы ауагътой 32 басгӕрсты. Инфекци рабӕрӕг кодтой дыууӕ адӕймагӕн – уыдонӕй иу ӕрӕджы ӕрцыд Уӕрӕсейӕ, дыккаг та у медицинон уагдоны кусӕг. Афтӕмӕй, ныртӕккӕ стационары хоскӕнынад цӕуынц цыппар адӕймаджы", - - загъта Гаглойты Анна.

Фӕстаг суткӕмӕ фӕфылдӕр адӕмы нымӕц, кӕцытӕ сты карантинон зонӕты. Знон Югосетпотребнадзор хъусын кодта 52 ӕмбӕстаджы тыххӕй, майрӕмбоны райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сӕ нымӕц у 145.

Майы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 89 адӕймаджы, ауагътой ӕртӕ минӕй фылдӕр басгӕрсты.