Сӕрд ӕнӕ аууонӕй: Цхинвалы администраци радзырдтой, кӕд ныссадздзысты ног скверы бӕлӕстӕ

Горӕты цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, ног скверы бӕлӕстӕ кӕй нӕй, уый – Цхинвалы мэрийы банысан кодтой, проблемӕ баст кӕй у арӕны сӕрты хизыныл тобӕимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы центры Путины уынгыл скверы ныссадздзысты бӕлӕстӕ, дидинтӕ ӕмӕ декоративон къутӕртӕ, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы мэрийы дӕлбар хӕрзарӕзтады комбинаты зӕлдфӕлындӕны хайады ландшафтон дизайнер Пӕррӕстаты Ирина.

Амӕйразмӕ социалон хызӕгты Цхинвалы цӕрджытӕ хъаст кодтой, хур боны скверы кӕй нӕй гӕнӕн бадын – нӕ фаг кӕнынц бӕлӕстӕ, кӕцытӕ аразынц аууон.

"Ацы аз арӕны сӕхгӕды тыххӕй нӕ рауад ӕрласын талатӕ, фӕлӕ сӕрды дӕр нӕй гӕнӕн садзын бӕлӕстӕ, уый фӕдыл ацы фӕззӕджы ныссадздзыстӕм бӕлӕстӕ, дидинтӕ ӕмӕ къутӕртӕ", - загъта Пӕррӕстаты Ирина.

Уый банысан кодта, зайӕгойтӕ балхӕнынӕн кӕй хъуыд ацӕуын Уӕрӕсемӕ, цӕмӕй равзарой бӕлӕстӕ ӕмӕ дидинтӕ скверӕн, фӕлӕ коронавирусы фӕдыл арӕнӕвӕрдты тыххӕй уымӕн фадат нӕй.

Цхинвалы центры скуыста фонтан

Пӕррӕстаты Ирина бафтыдта, сквер территорийыл, кӕцы сарӕзтой раздӕры турбаза "Ирыстон"-ы цур, цы ран сарӕзтой сывӕллӕтты фӕзуат, уагъд цӕудзысты зӕлдфӕлындӕн куыстытӕ.

Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕрты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ цалдӕр хатт адарддӕр кодтой. Июны кӕрӕтты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕрты хизыныл тобӕ 31 июлы онг.