Уӕрӕсейаг базӕйы связисттӕ Хуссар Иры райдыдтой тактикон-сӕрмагонд ахуыртӕ

Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсады ивгъуыд майрӕмбоны райдыдта хӕстон цӕттӕдзинады ӕнӕнхъӕлӕджы комплексон басгӕрст, кӕцы расидт УФ президент Владимир Путин
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны, полигон "Дзарцъем"-ы Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы бастдзинады дӕлхайӕдты ӕнӕнхъӕлӕджы басгӕрсты фӕлгӕтты райдыдтойтактикон-сӕрмагонд ахуыртӕ. Службӕгӕнджытӕ бакусдзысты бӕрзонд хӕххон уавӕрты бастдзинад сифтонг кӕныныл ретранслятортӕй спайда кӕнгӕйӕ, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Хуссар Иры разӕсгарджытӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад БТР-тӕ скъӕрын ӕмӕ ӕхсынӕй

Уымӕй размӕ та ӕфсӕддон базӕйы хисӕрмагонд сконды сыстын кодтой фӕдисы, уыдон сарӕзтой марш ахуырадон-хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны бынатмӕ.

Хӕххон полигоны связисттӕ сӕххӕст кодтой нормативтӕхъахъхъӕнынады районы инженерон ифтонгадӕй.

Командон пунктты хсӕн бастдзинады хахх фӕдаргъдӕр кӕныны тыххӕй ӕфсӕддон связисттӕ спайда кодтой ретранслятортӕй ӕмӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ апараттӕй.

Афтӕ ма ӕфсӕддонтӕ ауагътой кабелон хахх, сорганизаци кодтой бастдзинады каналтӕ.

Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсады ивгъуыд майрӕмбоны райдыдта хӕстон цӕттӕдзинады ӕнӕнхъӕлӕджы комплексон басгӕрст, кӕцы расидт УФ президент Владимир Путин.

Мадзалы сӕйраг нысан у басгарын, куыд цӕттӕ сты дӕлхайӕдтӕ сӕ хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, цы ӕмвӕзадыл ис сӕ ӕфсӕддон цӕттӕдзинад, техникон уавӕртӕ. Ахуырты рӕстӕджы карзӕй ӕххӕст цӕуынц санитарон нормӕтӕ.