Хуссар Иры ӕркӕсдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕн арӕнӕвӕрдтӕ фӕлӕмӕгъдӕр кӕныны фарстмӕ

Дыццӕджы ацыд оперативон штабы рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы банхъардтой фӕлӕмӕгъдӕр кӕнын арӕнӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ бакодтой COVID-19 тасы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады оперативон штабы уӕнгтӕ ӕрдзырдтой ӕмбӕстӕгты ӕрцыдыл республикӕмӕ ӕнӕ дыууӕкъуырион карантинӕй. Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй рабадт ацыд Цхинвалы дыццӕджы.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, оперативон штаб ӕввахс рӕстӕджы кӕй райсдзӕн къахдзӕфтӕ, цӕмӕй фӕлӕмӕгъдӕр кӕной кӕцыдӕр арӕнӕвӕрдтӕ. Ацы фарсты фӕдыл скъуыддзаг рахӕсдзысты оперативон штабы рабадтыл 28 июлы.

"Цалынмӕ йӕ мах фидарӕй ма зонӕм, не 'мбӕстӕгты ӕнӕниздзинадӕн кӕй ницы тас ис, уӕдмӕ ницы къахдзӕфтӕ райсдзыстӕм. Уыимӕ иумӕ ӕз ӕмбаргӕ ахаст дарын кӕцыдӕр ӕмбӕстӕгты хъӕстытӕм, кӕцыты хиуӕтты фӕнды ӕрыздӕхын Хуссар Ирыстонмӕ ӕнӕ карантинон мадзӕлттӕй. Фӕлӕ ацы мадзӕлттӕ радтой фӕстиуӕг – махмӕ республикӕйы вирус нӕ рахызт медицинон уагдӕттӕй", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент бахӕс кодта ӕввахс рӕстӕджы саразын ӕмӕ бавдисын ӕмбӕстӕгты ӕрцӕуыны фӕтк ӕнӕниздзинады уавӕры фӕдыл справкӕтӕм гӕсгӕ, афтӕ ма ӕнӕмӕнг медицинон басгӕрстты номхыгъд, кӕцыты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ цӕудзысты республикӕмӕ ӕнӕ карантинӕй.

Иумӕйагӕй пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы.