Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусы фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Инфекцион рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц цыппар адӕймаджы, иумӕйагӕй пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ ауагътой 80 басгӕрсты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, тесттӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, загъта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц цыппар адӕймаджы, кӕцытӕн уый размӕ рабӕрӕг кодтой коронавирус. Сӕ нымӕцы ис иу медицинон кусӕг.

"Коронавирусӕй ног рынчынты мах не сбӕрӕг кодтам. Уавӕр нӕ ивы цалдӕр боны, райсгӕ мадзӕлтты руаджы инфекцийы апарахат ӕрурӕдтам", - загъта Гаглойты Анна.

Карантины сты дыууӕ сӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы.

Иумӕйагӕй пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы.