Ӕнӕ фыдракӕндтӕй къуыри: Хуссар Иры МХМ республикӕйы уавӕры тыххӕй

Республикӕйы ивгъуыд къуыри уыд сабыр – барадхъахъхъӕнӕг органтӕ не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ, фӕндӕгтыл та ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри 13-20 июлы не ‘рцыд фыдракӕндтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны цӕрӕг йӕ цӕхӕрадоны зайын кодта наркотикон кӕрдӕджытӕ

Цхинвалы ӕхсӕз адӕймаджы ӕрурӕдтой ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй, уыдонӕй ӕртӕйы ӕрбаздахтой административон бӕрнмӕ.

Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу авари, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 158 фӕткхалды. Афтӕ ма сбӕрӕг кодтой 13 шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй – сӕ фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ.