Гасситы Мурæт хайад райсдзæн Боксы Боны масштабон онлайн-бæрæгбоны

Мадзалы фæлгæтты радзурдзысты хуыздæр боксерты историтæ, афтæ ма зындгонд спотсментæ ауадздзысты мастер-класстæ æмæ флэшмобтæ онлайн режимы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Боксæй дунейы раздæры чемпион WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ Гасситы Мурæт хайад райсдзæн Боксы Боны онлайн-бæрæгбоны.

Гасситы Мурæты дебют суперуæззау уæзы гæнæн ис ацæуа фæззæджы Сочийы

Мадзалы комкоммæ трансляци уагъд цæудзæн 12:00-19:00 сахатыл социалон хызæг "ВКонтакте"-йы Уæрæсейы Боксы федерацийы официалон группæйы, хъусын кæны 15 регион.

Мадзалы фæлгæтты радзурдзысты хуыздæр боксерты историтæ, афтæ ма зындгонд спотсментæ ауадздзысты мастер-класстæ æмæ флэшмобтæ онлайн режимы. Уымæй дарддæр ма социалон хызæгтæй пайдагæнджытæн фадат уыдзæн аныхас кæнын сæ кумиртимæ.

Ирон чемпионæй дарддæр ма бæрæгбонмæ хуынд æрцыдысты WBC роны хицау фыццаг уæззау уæзы Григорий Дрозд, архайгæ чемпион æрдæгуæззау уæзы Дмитрий Бивол, зынгæ боксер Артур Бетербиев æмæ бирæ æндæр спортсментæ.