Хæххон Ерман: кувæндæттæ, иугай цæрджытæ æмæ улæфæн бынат

Хъæу дих у æртæ хайыл, йе 'ппæт къуылдымтыл дæр ис кувæндæттæ, сыгъдæг уæлдæф, суæрттæ, астæумæ кæрдæг æмæ дзæнæттаг бынат æнæвнæлд æрдзы йæхи бааууон кæнын кæй фæнды, уыдонæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ерманы хъӕуы дыццӕджы банысан кодтой Цыргъы дзуары бон. Бӕрзонд хӕххон хъӕуы ма ӕмткӕй цӕры ӕртӕ хӕдзары, фӕлӕ кувӕн бон ам байдзаг ис адӕмӕй.

Цъыргъы дзуар

Уазджытӕ, бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ацы комӕй рацӕугӕ адӕм сӕхи фӕдзӕхсынмӕ схызтысты хохыл уӕвӕг Цыргъы кувӕндонмӕ, кӕцы ис Ерманы скӕсӕны фарс. Хох ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ афтӕ зыны, цыма хъӕумӕ нӕ уадзы хуры рухс - афтӕ бӕрзонд зыны.

Хæххон Ерман: кувæндæттæ, иугай цæрджытæ æмæ улæфæн бынат

Бынӕттон цӕрджытӕ амонынц йӕ тӕккӕ цъуппмӕ - уырдӕм цыдысты адӕм сӕхи фӕдзӕхсынмӕ раздӕр. Фӕстӕдӕр Уӕллаг, Астӕуккаг ӕмӕ Дӕллаг Ерманы цӕрджытӕ хохы хъӕуварс къуылдымтыл сарӕзтой кувӕндӕттӕ ӕмӕ уырдӕм сӕ кувинӕгтимӕ схизынц ацы бон.

"Цыргъы кувӕн бон нысан цӕуы алы аз дӕр дыццӕджы, йӕ бон та ивы нымадмӕ гӕсгӕ. Кувӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ нымад цӕуынц Сбайы Нафӕй. Цыргъы дзуар ӕй хонынц, йӕ сӕйраг кувӕндон тӕккӕ цыргъ хохы цъуппыл кӕй ис, уый тыххӕй", - радзырдта Астӕуккаг Ерманы цӕрӕг Фӕрниаты Хъазбег.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бонӕн стыр нысаниуӕг уыд хъӕууон адӕмы царды.

Драконтӕ ӕрыздӕхтысты: Хуссар Иры сцалцӕг кодтой Сырхы дзуары кувӕндон

"Дзуары боны æрвитӕны - иу къуыри фӕстӕ вӕййы - ма иу мах, хъæуы цæрджытæ скувæм ӕмӕ ӕртыццӕджы райсӕм нӕ цъыргътӕ (цӕвджытӕ) ӕмӕ ацӕуӕм хосгӕрдӕнмӕ. Уӕдмӕ махмӕ кӕрдгӕ нӕ кодтой", - бафтыдта Хъазбег.

Цыргъы кувӕндонмӕ хӕстӕг ис цад дӕр. Уым кувӕндонмӕ бӕлццӕттӕ æнæмæнг ныннайынц сӕхи.

"Уый дӕр ӕгъдауы хуызӕн ссис. Кувӕндонӕй фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ алчидӕр хуылыдзӕй ӕрцӕуы, уыдон сӕхи ныннайынц хохы цады", - загъта астӕуккаг Ерманы цӕрӕг Быценты Арсен.

Урс Туалгом зындгонд у йӕ урсаджы продукцийӕ, Ерманӕй цыхт бынӕттон базары лӕууы иу ахӕм зынаргъдӕр, фӕлӕ йын уӕддӕр фылдӕр ис ӕлхӕнджытӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй ма ӕлхӕнӕг нӕ фӕзивӕг кӕны ӕмӕ афӕндараст вӕййы зынвадат дӕргъвӕтин фӕндагыл ацы коммӕ.

Таранджелоз

Хъӕуы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ кӕрӕдзи ивынц, йӕ алыварс къуылдымтыл та алкӕцыйыл дӕр ис кувӕндӕттӕ. Дзуары бонтӕ нысан цӕуынц уалдзӕгӕй фӕззӕджы онг.

Хæххон Ерман: кувæндæттæ, иугай цæрджытæ æмæ улæфæн бынат

Хъӕуы астӕу ис Таранджелозы Кувӕндон дӕр. Йӕ алыварс ис хӕдзӕрттӕ ӕмӕ мыггӕгты мӕсгуытӕ. Аннӕ амӕдтӕй цӕсты хауы егъау дзӕнгӕрӕг.

Уациллайы Уастырджи

Хъӕуы ныгуылӕн фарс бӕрзонд бынатыл, цъӕх нӕуыл зайы стыр бӕрзбӕлӕстӕ. Сӕ аууоны хъӕуы цӕрджытӕ сӕхи фӕдзӕхсынц Уациллайы Уастырджийӕн.

"Ацы сыгъдӕг бынаты сӕхи фӕфӕдзӕхсынц хъӕуы цӕрджытӕ. Кувынц бӕркадӕн, хоры дзагдзинадӕн", - банысан кодта Фӕрниаты Хъазбег.

Сырхы Дзуар

Фӕстаг рӕстӕджы ма комы фӕзынд ноджы иу кувӕндон. Уӕллаг Ерманы ныгуылӕн фарс самадтой Сырхы Дзуар. Йӕ сӕндидзын кӕныны инициатор уыд Цхинвалы цӕрӕг Хуыбиаты Альберт. Кувӕндон ис бӕлцӕтты уарзон бынаты - Хъелы цадмӕ фӕндаггӕрон.

Хæххон Ерман: кувæндæттæ, иугай цæрджытæ æмæ улæфæн бынат

"Сырхы Дзуар банысан кӕнӕм Дауджыты фӕстӕ. Ӕрхауы июны кӕрон, науӕд та июлы райдайӕнмӕ. Ӕввахс бонты та нӕм уыдзӕн атынӕг, уымӕн та йӕ кувӕндон ис Згъубирмӕ хӕстӕг", - бафтыдта хъæуы цæрæг.

Ӕртæ дих хъæуы ма сыгъдæг кувæндæттæ æмæ сатæг уæлдæфæй дарддæр ис уазал суæрттæ, астæумæ кæрдæг æмæ дзæнæттаг бынат æнæвнæлд æрдзы йæхи бааууон кæнын кæй фæнды, уыдонæн.