Мамытаты Геннадий: мæ алæвæрдтæ иууылдæр сты Ирыстоныл

"Аивадон балц"-ы автор Мамытаты Геннадий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, куыд æмæ цы уавæрты цæттæ кæны йæ алæвæрдтæ
Sputnik
Мамытаты Геннадий: мæ алæвæрдтæ иууылдæр сты Ирыстоныл

Мамытаты Геннадий бирæ рæстæг фæкуыста РХИ паддзахадон телеуынынады операторæй. Фæстаг рæстæджы цæттæ кæны алæвæрдт "Аивадон балц" Ирыстоны кæмтты тыххæй. Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, уый тынг уарзы ацы куыст, фæлæ адæмы зæрдæмæ атфæ фæцæуа, уый æнхъæл нæ уыд.

"Æмткæй мæ алæвæрдтæ ныры онг уыдысты 30 бæрц. Кæд æмæ раздæр, цы хъæутыл зилын, уым уыд бирæ фæллойгæнæг адæм, уæд ныр, стыр хъыгагæн, сæ фылдæр фæлыгъдысты", - загъта Геннадий.

Геннадий ма куыд банысан кодта, атфæмæй уыцы хъæуы раздæр чи цард, сæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæн ис фадат сæ райгуырæн бæстæ фенын ацы алæвæрды руаджы, уый сын хæссы циндзинад.

"Цалынмæ алæвæрдтæ нæ арæзтон, уæдмæ дæр бирæ уарзтон хъæутыл зилын, мæ бон нæу, къуыри иу хатт куыннæ ацæуон æмæ нæ кæмтты куыннæ азилон, нæ ратæдзæнтæ кæцæй сты, уыдон куы нæ уынон", - бафиппайтта Геннадий.

Алæвæрды автор ма куыд загъта, уымæ гæсгæ, абон цы уавæры сты ирон хъæутæ, уый æвдисы йæ алæвæрды æмæ йæ аразы цæстуарзонæй.