ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй ног рынчынты. Тесттӕ, кӕцытӕ ауагътой иу суткӕмӕ, равдыстой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Югосетпотребнадзор фехъусын кодта фӕстаг дыууӕ фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй майрӕмбоны, 17 июлы. Ӕртыццӕджы райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, стационары хоскӕнынад цӕуынц цыппар адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ, сӕ нымӕцы иу медицинон кусӕг.
"Иу суткӕмӕ лабораторийы ауагътой 46 басгӕрсты, кӕцытӕ равдыстой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ. Пандемийы райдайӕнӕй мах ауагътам 3300 тестӕй фылдӕр", - загъта Гаглойты Анна.
Карантины сты 208 адӕймаджы.
Республикӕйы систой арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ иууылдӕр. 31 июлы онг ӕхгӕд у Уӕрӕсеимӕ арӕн, фӕлӕ президент Бибылты Анатолий знон бахӕс кодта ӕркӕсын ӕмбӕстӕгты ӕрцыды фарстмӕ ӕнӕ карантинӕй. Мадзӕлттыл бакусдзысты 28 июлы онг.