Цгъойты Арина: журналисты куыст у тынг цымыдисон

Газет "Хурзæрин"-ы раздæры сæйраг редактор Цгъойты Арина радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры журналистикæйы тыххæй
Sputnik
Цгъойты Арина: журналисты куыст у тынг цымыдисон

Æрвылаз дæр 23 июлы Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц дзыллон информацион фæрæзты бон. Цгъойты Арина куыд радзырдта, уымæ гæсгæ журналистты куыст тынг цымыдисон у. Интернеты дуджы мыхуыры журналисттæн сæ куыст зындæр у.

"Фæзæгъынц, зæгъгæ, нæ цæмæн хъæуы радио, газет æмæ телеуынынад, кæд æмæ ис интернет, æмæ цыфæнды информаци ссардзынæ уым", - загъта Арина.

Цгъойты Арина куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый йæ хъус дары ДИФ-ы куыстмæ, уæлдай дæр та телеуынынадмæ, æмæ сын сæ куыстæн стыр аргъ кæны.

"Мæ зæрдыл æрбалæууынц 90-æм азтæ, телеуынанды куыстон æмæ мах цы уавæрты æмбырд кодтам хабæрттæ, уый уыд стыр сгуыхтдзинад", - банысан кодта Арина.

Арина ма бахахх кодта, зæгъгæ, журналист алы фадыджы куыст дæр хъуамæ зона иттæг хорз.

Лæмбынæгдæр байхъусут аудиоæрмæджы.