Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ивгъуыд суткӕйы коронавирусы тестты фӕстиуджытӕ

Хуссар Ирыстоны ногӕй не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты, фехъусын кодтой Югосетпотребнадзоры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыл суткӕйы коронавирусы уавӕр нӕ фӕивта – ног фӕрынчынуӕвджыты не сбӕрӕг кодтой, рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц цыппар адӕймаджы, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Фӕстаг дыууӕ рынчыны тыххӕй уагдон хъусын кодта ивгъуыд майрӕмбоны, ацы къуырийы тесттӕ иууылдӕр равдыста ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ.

"Иу суткӕмӕ сарӕзтой 23 тесты, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Фӕкъаддӕр ис карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгты нымӕц, дохтырты хъусдарды бын ма сты 186 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Иумӕйагӕй пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 85 адӕймаджы сӕнӕниз сты ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй.