Санитарон уагдоны радзырдтой Хуссар Иры коронавирусимæ уавæры тыххæй

Хуссар Иры ныр къуырийы бæрц нæй коронавирусæй ног рынчынтæ, раздæр цы цыппар адæймагмæ разынд вирус, уыдон дарддæр хос кæнынц стационары
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik, Козаты Диана. Суткæйы дæргъы Хуссар Ирыстоны сарæзтæуыд 13 тесты коронавирус рабæрæг кæныны фæдыл, уыдон иууылдæр радтой æппæрццаг фæстиуджытæ, загъта "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Анна.

Уӕззау фӕсидт: Мишустин коронавирус, премьеры цард ӕмӕ Уӕрӕсейы туризмы тыххӕй

Бирæпрофилон медцентры инфекцион хайады нырма дæр ис цыппар адæймаджы, кæцытæн раздæр рабæрæг вирусы уæвынад. Уыдонæй æртæ республикæмæ æрыздæхтысты Уæрæсейæ, афтæ ма медицинон хо, кæцыйыл низ бахæцыд "сырх зонæйы".

"Тесттæй иу дæр нæ равдыста вирусы уæвынад", - загъта Гаглойты Анна.

Карантиныл ныртæккæ ис 200 адæймаджы онг.

Эпидемийы райдайæнæй нырмæ республикæйы коронавирус бахæцыд 89 адæймагыл, фæстаг дыууæ рынчын рабæрæг сты къуырийы размæ.