ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой дыууӕ адӕймаджы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ).
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 172 фӕткхалды. 11 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.
Уымӕй дарддӕр республикӕйы ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, кӕцытӕ раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад ӕрурӕдта ӕхсӕз адӕймаджы, уыдонӕй фондзы тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрнмӕ.