Хуссар Иры прокуратурӕ баххуыс кодта ӕфсӕддон пенсионерӕн райсын фиддонтӕ

Республикӕйы прокуратурӕйы органтӕм бадзырдта раздӕры ӕфсӕддон – уый банысан кодта, кӕй йын нӕ бахастой пенсимӕ ахуыргӕнӕндоны ахуыры рӕстӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл – Sputnik. Ӕфсӕддон прокуратурӕ басгӕрста, куыд ӕххӕст кӕнынц Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон пенсион ифтонгады фӕдыл закон. Багӕрст ауагътой раздӕры ӕфсӕддоны куырдиаты фӕстӕ, хъусын кӕны Генпрокуратурӕйы пресс-службӕ.

Уагдоны кусджытӕ сбӕрӕг кодтой, Хъахъхъӕнынады министрады кӕй нӕ банымадтой ӕфсӕддоны ахуыры рӕстӕг уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны.

"Генералон прокуратурӕ раздӕры ӕфсӕддоны бартӕ ӕмӕ законон интерестӕ бахъахъхъӕны нысанӕн бахаста Хъахъхъӕнынады министрадмӕ куырдиат, цӕмӕй аиуварс кӕной пенсион законады фехӕлдтӕ. Нормативон акттӕм гӕсгӕ, пенсимӕ баххӕссынц ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты ахуыры рӕстӕг", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Хъахъхъӕнынады министрад фондз бонмӕ аиуварс кодта ӕмбӕлон домӕнтӕ. Законадмӕ гӕсгӕ ног куырдиат барвыстой Ӕфсӕддон комиссариатмӕ, цӕмӕй раздӕры ӕфсӕддонӕн снысан кӕной ӕмбӕлон пенси.