Мӕскуыйы не руагътой теракт

Уӕрӕсейаг столицӕйы теракт цы фыдгӕнӕг цӕттӕ кодта, уый йе рцахсыны рӕстӕджы райдыдта ӕхсын барадхъахъхъӕнджы ӕмӕ йӕ амардтой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕ (ӔФС), Мидхъуыддӕгты министрады ӕмӕ слестгӕнӕн комитеты кусджытӕ нӕ бауагътой Мӕскуыйы теракт саразын, кӕцы цӕттӕ кодта Централон Азийӕ ӕрцӕуӕггаг нӕлгоймаг, хъусын кӕны УФ ӔФС.

Дзӕуджыхъӕуы не ‘руагътой теракт

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй террористы ссардтой Химкӕты ӕнӕркаст гаражты цур. Уый райдыдта ӕхсын барадхъахъхъӕнджыты автоматикон хӕцӕнгарзӕй. Фыдгӕнӕг фӕмард ис ӕхсты рӕстӕджы.

Цауы бынат басгарыны фӕстиуӕгӕн нӕлгоймагмӕ ссардӕуыд автомат АКС-74У йӕ нӕмгуытимӕ, дыууӕ гранатӕ Ф-l ӕмӕ 1 гранатӕ РГД.

Терорист цард Мӕскуыйы ӕххуырст фатеры, уым ссардтой терактмӕ цӕттӕгӕнӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр.

"Фатеры ссардӕуыд бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕ ӕвдыстой бандиты бастдзинӕдтӕ Сирийы ӕхсӕнадӕмон терористон организацийы эмиссартимӕ ӕмӕ цӕттӕ кодтой адӕмы массон ӕхст", - дзырдӕуы ӔФС пресс-релизы.

Уымӕй дарддӕр ма подмосковьейы ӕрцахстой фыдгӕнӕджы ӕфсымӕры дӕр - уый агуырдта йе фсымӕры, цӕмӕй йӕ ма ауадзы Сиримӕ терористон организацийы сконды архайынмӕ.

Ныртӕккӕ барадхъахъхъӕнджытӕ агурынц фыдгӕнӕджы ӕмархайджыты.