Цӕгат Иры аварийы цӕфтӕ райстой цыппар адӕймаджы

Кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты Toyota Camry ӕмӕ LADA Granta, цауы фӕстиуӕгӕн алыгъуызон цӕфтимӕ рынчындонмӕ бахаудысты цыппар адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Цыппар адӕймаджы фӕцӕфтӕ сты Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы фӕндагон-транспортон цауы рӕстӕджы, хъусын кӕны республикон УУМ пресс-службӕ.

Цӕгат Иры аварийы цӕфтӕ райстой цыппар адӕймаджы

Октябры хъӕуы Абайты Уасойы цынгыл аварийы тыххӕй уӕлвӕткон уагдонмӕ хъусинаг ӕрбацыд хуыцаубоны 22.22 схатыл. Ирвӕзынгӕнджытӕ ӕвӕстиатӕй ратындзыдтой цауы бынатмӕ.

"Кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты Toyota Camry ӕмӕ LADA Granta, цауы фӕстиуӕгӕн алыгъуызон цӕфтимӕ республикон рынчындонмӕ бахаудысты цыппар адӕймаджы", - банысан кодтой УУМ.

Уагдоны куыд бафтыдтой, афтӕмӕй аварийы фӕстиуджытӕ иуварс кӕныныл архайдтой цыппар адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы иу иуӕджы.