Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, 88 адӕймаджы сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны инфекцион рынчындонӕй рафыстой ноджы иу адӕймаджы, кӕцы сӕнӕниз ис коронавирусӕй. Ног рынчынты не сбӕрӕг кодтой, загъта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Знон республикӕйы ауагътой 88 басгӕрсты, тесттӕ иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ.

"Знон инфекцион хайадӕй рафыстой ноджы иу адӕймаджы. Ныртӕккӕ уым хоскӕнынад цӕуы иу медицинон кусӕг, кӕцы куыста коронавирусӕй рынчынтимӕ", - загъта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын карантины сты 192 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, 88 адӕймаджы сӕнӕниз сты. Республикӕйы ауагътой 3400 басгӕрсты.