"Ницы реакци": цхинвайлӕгтӕ нӕ рахызтысты митингмӕ

Столицӕйы центры митинг саразыны фӕсидтмӕ рахызтысты ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы. Горӕты уавӕр у сабыр, адӕм цӕрынц хуымӕтӕг цардӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Козаты Диана. Столицӕйы централон фӕзуатыл Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕйы ныхмӕ митинг саразыны фӕдыл фӕсидтмӕ нӕ рахызтысты цхинвайлӕгтӕ.

Хуссар Ир адарддӕр кодта арӕнӕвӕрдтӕ Уӕрӕсеимӕ арӕныл

Знон социалон хызӕгты интернетӕй пайдагӕнӕг Зорро Санчес ныммыхуыр кодта фӕсидт, цӕмӕй майрӕмбоны 10.00 сахатыл адӕм ӕрӕмбырд уой фӕзуатыл, ӕмӕ ауадзой митинг арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Уыцы бон ӕмбӕстӕгтӕм бадзырдта МХМ сӕргълӕууӕг, кӕцы ӕрсидт ма ӕууӕндын провокацион фӕсидтыл, уымӕн ӕмӕ ацы митинг уыдзӕн ӕнӕзаконон.

Нысангонд ӕмгъуыдмӕ горӕты центрмӕ ӕрбацыдысты ӕрмӕстдӕр тыхон структурӕты цалдӕр кусӕджы. Уым нӕ ӕрӕмбырд ис митинг уадзӕг адӕм.

Фӕстӕдӕр фӕзуатмӕ ӕрбацыдысты цалдӕр карджын сылгоймаджы, кӕцытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты бандоныл иннӕ адӕммӕ. Уыдон фехъусын кодтой, митинг кӕй ахастой 12.00 сахатмӕ ӕмӕ сӕ уырныдта, адӕм нырма кӕй ӕрбацӕудзысты фӕзуатмӕ.

Чысыл фалдӕр уавӕрмӕ йӕ хъус дардта МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь дӕр.