Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

Майы райдайӕнӕй республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 88 сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Козаты Диана. Медицинон кусӕг, кӕцы фӕрынчын коронавирусӕй, нырма дӕр ис республикон медицинон центры инфекцион хайады. Хуссар Ирыстоны вирусӕй ног рынчынты нӕ рабӕрӕг кодтой, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Фӕстаг дыууӕ рынчыны тыххӕй уагдон фехъусын кодта дыууӕ къуырийы размӕ. Уый фӕстӕ цы тесттӕ ауагътой, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ.

"Иу суткӕмӕ мах ауагътам 70 басгӕрсты, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ. Стационары хоскӕнынад дарддӕр цӕуы медицинон кусӕг, кӕцы куыста коронавирусӕй рынчынтимӕ", - загъта Гаглойты Анна.

Дохтырты хъусдарды бын карантины сты 93 адӕймаджы.

Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой 3600 тестӕй фылдӕр.

Ацы къуыри хицауад аскъуыддзаг кодта бар раттын республикӕмӕ ӕрцӕуын ӕнӕ карантинӕй. Ахӕм фадат уыдзӕн ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ уыдысты рынчын коронавирусӕй, ӕмӕ сӕ бон у бавдисын анализты фӕстиуджытӕ.