ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕвӕрдтой дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ Ӕнусон артмӕ Каде аллейыл Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) 90-æм азы юбилейы цытӕн, къорд ветераны райстой майдантæ Уæрæсейы УДӔ-йæ, ӕфсӕддонтӕн раарфӕ кодтой тыхон ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты разамонджытӕ.
Ӕнусон арты цур ӕрӕмбырд сты Рязаны уӕлдӕфон-ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ æмæ УДӔ ветерантӕ, мадзалмæ æрбацыд президент Бибылты Анатолий, уый йæхæдæг дæр каст фæцис банысангонд уæлдæр ахуыргæнæндон.
Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ветерантӕн бӕрӕгбоны цытӕн.
"Ӕхсызгон мын у сымахæн арфæ кæнын. Сымах стут иууыл цырддæр, дæнцæг кæмæй исынц æмæ æппæт Уæрæсе сæрыстыр кæмæй у, уыцы æфсад. Бузныг уын уæ службæйы тыххæй", - загъта президент.
Уый фæстæ паддзахады сæргълæууæг схорзæхджын кодта Уæрæсейы УДӔ-йы юбилейон майдантæй 39 адæймаджы.
Уый фæстæ ветерантӕ ӕмӕ УДӔ ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ сӕвӕрдтой дидинджытæ Ӕнусон артмӕ ӕмӕ сорганизаци кодтой автозгъорд президенты хайадистӕй.