Хуссар Иры улæфт бонты нæ рабæрæг коронавирусæй ног рынчынтæ

Ивгъуыд къуырийы республикæмæ Цæгат ирыстонæй æрыздæхт æмбæстæгты радон къорд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik, Козаты Диана. Коронавирусимæ уавæр Хуссар Ирыстоны нæ фæивта ивгъуыд улæфт бонты дæргъы. Ног рынчынтæ нæй, стационары ма баззад иунæг рынчын, фехъусын кодта "Югосетпотребнадзор"-ы хистæры хæдивæг Гаглойты Анна.

Хуссар Ир адарддӕр кодта арӕнӕвӕрдтӕ Уӕрӕсеимӕ арӕныл
Фæрынчыны ног цаутæ республикæйы нæ бæрæг кæнынц ныр æртыккаг къуыри.

"Суткæйы дæргъы ног рынчынтæ нæ рабæрæг. Стационары дарддæр хос кæны медицинон хо, кæцы куыста коронавирусæй рынчынтимæ æмæ йæхиуыл дæр бахæцыд", - загъта уый.

Хицауад æрæджы бакодта ног фæткойтæ республикæмæ æрцæуджытæн. Уыдон хауынц æрмæстдæр ахæм æмбæстæгтæм, кæцытæ уыдысты рынчын коронавирусæй æмæ ныридæгæн адзæбæх сты. Уыдон республикæмæ æрцæуынæн хъæуы бавдисын цалдæр справкæйы, цæмæй сæрибар уой дыууæкъуырион карантинæй.