Хъӕдыны бӕсты æфсæн: Хуссар Иры ӕртӕ хъӕумӕ сарӕзтой хид

Зæронд хид уыд хъӕдын ӕмӕ æрцыд æдзæллаг уавӕрмæ, тӕссаг ыл уыд цӕуын. Уымæ гæсгæ районы администраци аскъуыддзаг кодта баивын хъӕдын хӕйттӕ ӕфсӕнтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цалцӕг цӕуы хид Чысыл Гуфтамӕ, уыимӕ иумӕ фӕндаг фӕзындзӕн ноджы дыууӕ хъӕу - Морго ӕмӕ Барсмӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Зæронд хид уыд хъӕдын ӕмӕ æрцыд кӕлӕтдзаг уавӕрмæ, тӕссаг ыл уыд цӕуын.

"Ӕрвыл сезон сӕ хъуыд ивын, цӕмӕй цӕрджытӕн сӕ бон уа ӕдасӕй хидыл цӕуын. Районы администраци аскъуыддзаг кодта баивын хъӕдын хӕйттӕ ӕфсӕнтӕй. Куыстытӕ бахӕс кодтой цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарадӕн", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуырийы ӕмгъуыдмӕ куыстытӕ фӕуыдзысты.

Хиды дӕргъ у 62 метры. Кӕд фӕстаг ӕзты Хуссар Иры хъӕутӕ ӕдзӕрӕг кӕнынц, уӕд ранымайгӕ хъӕуты та арӕзт цӕуынц дачӕтӕ.

Хъӕдыны бӕсты æфсæн: Хуссар Иры ӕртӕ хъӕумӕ сарӕзтой хид