Августон хӕсты амӕттӕгты ном ссардтой къамты равдыстӕй

Равдысты къамты ис цӕф сылгоймæгтӕ, тыхст нӕлгоймӕгтӕ, тарст сывæллæттæ, рынчындонӕй кадртӕ, хӕстон рӕстӕгӕй нывтӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ хæстæфхæрд горæт, размæбырсгæ техникæ ӕмӕ пырх танктӕ Цхинвалы уынгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицæйы 2008 азы хæсты амæттæгты номарæн къамты равдыст "Зæрдæйы цæссыгты денджыз" байгом ис республикон библиотекæйы фойейы. Хæсты хроникæйы къамтæ мадзалы уазджыты зæрдыл æрлæууын кодтой 12 азы размæ æвирхъау хæсты фыдæбæттæ.

Августон хӕсты амӕттӕгты ном ссардтой къамты равдыстӕй

Хатæн сфӕлыстой сау хъуымацӕй. Равдысты къамты ис цӕф сылгоймæгтӕ, тыхст нӕлгоймӕгтӕ, тарст сывæллæттæ, рынчындонӕй кадртӕ, хӕстон рӕстӕгӕй нывтӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ хæстæфхæрд горæт, размæбырсгæ техникæ ӕмӕ пырх танктӕ Цхинвалы уынгтыл. Ирыстоны хъайтар Козаты Левы фыд саударӕгӕй, уый йӕ фырты фӕстӕ бирӕ нал фӕцард. Къамты хсæн ис пырх ингæнтæ - 2008 азы августы знаг ницӕуыл ӕууӕрста.

Библиотекӕйы директор Кокойты Валерия мадзалы рӕстӕджы банысан кодта, ацы бон иу ирон адӕймагӕй дӕр кӕй макуы хъуамӕ ферох уа.

"Алы ирон ирон адæймагæй дæр курæг дæн, цæмæй ма рох кæнæм хæсты хъæдгæмттæ. Нæ хъæбултæ цъæх арвы бын хъомыл кæнæт, фæлæ сæ ацы дудгæбон рох ма уӕд. Макæй хъæбулыл сӕмбæлæт знаджы нæмыг", - загъта уый.

Фыдохы мадзалы организатор – культурæйы министрад - залы къамтæй дарддæр сæвæрдта уæрæх экран дæр, уым та фенæн уыд хæсты рæстæджы видеокадртæ.

Августон хӕсты амӕттӕгты ном ссардтой къамты равдыстӕй

"Мин 12 азы куы рацæуа хӕстӕй, уæддæр æй иу ирон адæймаг дæр хъуамæ ма ферох кæна. Нæ фæдонтæ дæр æй хъуамæ зоной цы, сарæзтой гуырдзиаг фашисттæ ирон адæмæн. Иу фӕмардуӕвӕг адæймаджы ном дæр хъуамæ ма ферох уа. Кæд нын Советон хицауады рæстæджы нæ уагътой 1920 азы бæллæхы тыххæй дзурын, уæд нын абон та ис бар", - бафиппайдта Хуссар Иры адæмон артист Тъехты Уасил.

Фыдохы мадзæлттæ ацы бонты цæуынц Хуссар Иры столицæ æмæ районты.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.