ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр уагъд цӕуынц рейдон мадзӕлттӕ фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдтӕ ма руадзыны нысанӕн, афтӕ ма сбӕрӕг кӕнын шофырты, кӕцытӕ скъӕрынц хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы батальоны командӕгӕнӕг Коцты Алимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу мӕймӕ иууыл арӕхдӕр фехӕлдтӕ уыдысты – парковкӕйы фӕтк фехалын, автотранспорт ӕнӕ ӕмбӕлон документтӕй скъӕрын, светофоры сырх рухсыл аскъӕрын, хӕдтулгӕйыл тагъд скъӕрын.
"Ацы аз фӕкъаддӕр сты фехӕлдтӕ фӕндӕгтыл. Цӕвиттонӕн, июлы светофоры сырх рухсыл аскъӕрдтой 81 шофыры, фарон азы аналогион периоды ахӕм фехӕлдты нымӕц уыд 157", - загъта Коцты Алим.
Батальоны хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, июлы фӕфылдӕр нозтджын шофырты нымӕц, ацы период сбӕрӕг кодтой 47 расыг шофыры, фарон аналогион периды уыдоны нымӕц уыд 19.
Рейдтӕ уагъд цӕуынц мидхъуыддӕгты министры уынаффӕмӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ нысаниуӕг у фӕкъаддӕр кӕнын авариты нымӕц республикӕйы фӕндӕгтыл. Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ уадзынц профилактикон ныхас фистӕг бӕлццонтимӕ.