Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Кӕсойты Лаврентийӕн

Кӕсойты Лаврентийӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй, афтӕ ма йӕ коллегӕтӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг ӕмӕ Аивӕдты лицейы директор Кӕсойты Лаврентийӕн.

Адæмон нывгæнæг 72 азы кары йæ цардæй ахицæн къуырисæры Мӕскуыйы, дæргъвæтин рынчыны фæстæ.

Кӕсойты Лаврентийӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.

"Куыд сабыр ӕмӕ аккаг цард кодта, йӕ низимӕ дӕр афтӕ тох кодта. Йӕ цардвӕндаг махӕн у цӕвиттон. Куыд президент, афтӕ йын бузныг зӕгъын Ирыстоны аивад кӕй райтынг кодта, уый тыххӕй. Куыд ныййарӕг, афтӕ йын бузныг дӕн ахӕм коллектив кӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕры раст фӕндагыл кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Фыдохы митингмӕ ӕрбацыдысты йӕ коллегӕтӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.

Уарзон ахуыргӕнӕг, хӕларзӕрдӕ ӕмгар, диссаджы нывгӕнӕг: куыд мысынц Кӕсойты Лаврентийы

"Йӕ цардӕй ахицӕн номдзыд гоймаг. Адӕймаг, кӕцы уыд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады бындурӕвӕрджытӕй сӕ иу", - загъта Аивӕдты лицейы ахуыргӕнӕг Плиты Римма.

Кӕсойты Лаврентий райгуырд Цхинвалы 1948 азы. Куыста хицӕн жанрты - хуызфыссынад, графикӕ ӕмӕ ӕндӕр здӕхӕнты. Йӕ куыстыты сюжеттӕ фылдӕр бӕрцӕй ист сты Нарты кадджытӕй, уымӕй уый дарддӕр кодта Тугъанты Махарбеджы традицитӕ. Аивӕдты лицейы кусгӕйӕ схъомыл кодта арӕхстджын нывгӕнджыты цалдӕр фӕлтӕры. Йӕ фӕстаг куыстыты нымӕцы ис Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры фойейы сфӕлыст.

Паддзахадон къамисы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, сгуыхт нывгӕнӕджы бавӕрдтой Национ пантеоны зындгонд ахуыргонд ӕмӕ академик Джусойты Нафи ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауыры цур.