Уӕрӕсе срегистраци кӕндзӕн дунейы фыццаг вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ

Гамалейы номыл эпидемиологи ӕмӕ микробиологийы национ иртасӕн центр цы вакцинӕ сарӕзта, уый клиникон ӕгъдауӕй сгарын райдыдтой июны астӕу Сеченоваг университеты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Гамалейы Центры цы вакцинӕ сарӕзтой, уый срегистраци кӕндзысты 12 августы, фехъусын кодта майрӕмбоны уӕрӕсейаг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры хӕдивӕг Олег Гриднаев.

Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, коронавирусы ныхмӕ фыццаг вакцинӕ райсдзысты медицинон кусджытӕ ӕмӕ ацӕргӕ адӕм. Гамалейы номыл эпидемиологи ӕмӕ микробиологийы национ иртасӕн центр цы вакцинӕ сарӕзта, уый клиникон ӕгъдауӕй сгарын райдыдтой июны астӕу Сеченоваг университеты. Вакцинӕ сбӕрӕг кодта йӕ ӕдасдзинад ӕмӕ эффективондзинад.

"Гамалейы Центры цы вакцинӕ сарӕзтой, уый срегистраци кӕндзысты 12 августы. Ныртӕккӕ уагъд цӕуы фӕстаг этап, ӕртыккаг. Уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, вакцинӕ кӕй хъуамӕ уа ӕдас", - хъусын кӕны Гриднаевы ныхӕстӕ РИА Новости.

Пневмонийы вирус апарахат декабры кæрон, Китайаг горæт Уханьы, йæ аххосаг ссис коронавирусы ног тип (2019-nCoV). Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй дунейы фӕрынчын сты 19 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 710 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.