Цӕгат Иры фӕсарӕйнаг машинӕйы шофыр ныццавта фистӕг бӕлццоны

Аварийы фӕстиуӕгӕн 30-аздзыд нӕлгоймаджы алыгъуызон цӕфтимӕ фӕхӕццӕ кодтой горӕты клиникӕтӕй иумӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау фистӕг бӕлццоны хайадистӕй, хъусын кӕны 15 регион. 

Фыдбылыз ӕрцыд дысон ӕхсӕв Дзӕуджыхъӕуы,  Пожарскийы уынгыл.

"Республикӕйы горӕтгӕрон районы 28-аздзыд цӕрӕг, кӕцы скъӕрдта хӕдтулгӕ BMW, Пожарскийы уынгыл ныццавта фистӕг цӕуӕджы", - хъусын кӕны портал МХМ пресс-службӕйы информаци.

Уагдоны банысан кодтой, 30-аздзыд нӕлгоймаджы алыгъуызон цӕфтимӕ фӕхӕццӕ кодтой горӕты клиникӕтӕй иумӕ.