Программӕ баххӕст кӕнын: гимназ "Рухс"-ы скъоладзаутӕ рацыдысты дыууӕкъуырион ахуыртӕ

Гимназ "Рухс"-ы директоры хæдивæг Джиоты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ацы хæрзиуæгон хъуыддаг рацыдис ахуыргæнджытæн сæхицæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы гимназ "Рухс"-ы ахуырдзау фæсивæдæн кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц дыууӕкъуырион ахуыртæ, дистанцион æгъдауæй ахуыры рæстæджы цы цухдзинæдтæ уыдис, уыдон аиуварс кæныны нысанæн. Ацы хъуыддагыл æхсызгонæй сæмбæлдысты куыд ныййарджытæ, афтæ ахуыргæнинæгтæ дæр æмæ ныр Мæскуыйаг микрорайоны алы бон дæр фенæн вæййы, сывæллæттæ æд чингуыты хызынтæ хъæлдзæгæй куыд фæцæйуайынц сæ уарзон скъоламæ, уый.

Хуссар Иры скъолаты карантин адарддӕр кодтой ахуырадон азы фӕудмӕ

Хуссар Ирыстоны дæр æндæр бæстæты æмрæнхъ коронавирусон инфекци ма руадзыны тыххæй уалдзæджы райдианы ист æрцыдысты сæрмагонд мадзæлттæ. Фыццаг рады сæхгæдтой ахуырадон уагдæттæ æмæ уый та республикæйы æппæт ныййарджыты дæр æппæрста катайы. Уæд РХИ Ахуырад æмæ зонады министрады амындмæ гæсгæ, скъоладзаутæ рахызтысты дистанцион ахуырмæ, кæцы, куыд рабæрæг, афтæмæй уыд зынвадат.

Гимназ "Рухс"-ы директоры хæдивæг Джиоты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ацы хæрзиуæгон хъуыддаг рацыдис ахуыргæнджытæн сæхицæй.

"Дистанцион ахуырмæ куы рахызтыстæм, уæд фæстæдæр рабæрæг, ахæм ахуыры системæмæ алчи цæттæ кæй нæ уыд, уый. Сывæллæттæ сæ ахуыры чысыл фæстейæ аззадысты æмæ, цæмæй сраст кæнæм уыцы хъуыддаг, уый тыххæй нæ ахуыргæнджыты бафæндыд ахуырдзау фæсивæдæн ауадзын дистанцион ахуыры рæстæджы цы цухдзинæдтæ æруагътам, уыдон баххæст кæныны тыххæй уæлæмхас ахуыртæ", - загъта уый.

Директоры хӕдивӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, ахуыргæнинæгтæ сæ программæ куы нæ баххæст кæной, уæд сын ног нывæзтмæ рахизын уыдзæнис зын æмæ къуыхцы кæндзысты фаг зонындзинæдтæ райсыны хъуыддаджы.

Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутӕн радтой смартфонтӕ дистанцион ахуырӕн

"Ахуыргæнджытæ аскъуыддзаг кодтой, зæгъгæ, улæфты рæстæджы дыууæкъуырион ахуыртæн ссардзыстæм рæстæг æмæ ныр райдыдтам кусын, уадзæм 20-минутон уроктæ. Раздæр азты дæр уагътам ахæм ахуыртæ. Кæд æмæ-иу къласы цалдæр ахуыргæнинаджы сæ программæйæ фæстейæ аззадысты, уæд-иу сын ахуыргæнджытæ сæрдыгон рæстæджы ауагътой уæлæмхас ахуыртæ", - бахахх кодта Джиоты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуыргæнджытæ уый тыххæй не ‘рдомдтой куыстмызд дæр. Ахуыртӕ аххæсдзысты 14-æм августмæ.