Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой судзгӕ хус кӕрдӕг Цхинвалмӕ бацӕуӕны

Раздӕры цӕрӕг пункт Чъехы районы ссыгъд хус кӕрдӕг – уырдӕм ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон къорды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисон къордтӕ ахуыссын кодтой арт столицӕмӕ цӕгаттаг бацӕуӕны территорийыл, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны радгӕсон хайады.

УУМ банысан кодтой, кӕй сыгъд хус кӕрдӕг.

"Радгӕсон хайадмӕ бадзырдтой къуырисӕры 17.43 сахатыл. Сыгъд хус кӕрдӕг раздӕры цӕрӕг пункт Чъехы районы. Уырдӕм ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон экипажы" – загътой уагдоны.

УУМ бахахх кодтой, арт кӕй хуыссын кодтой дыууӕ сахатмӕ ӕввахс.

Азы ацы периоды сарӕх вӕййынц хус кӕрдӕджы ссыгъдтӕ, афтӕмӕй фылдӕр хатт сӕ аххосаг вӕййы адӕймаг. Хуссар Ирыстоны УУМ сидынц ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй хъавгӕдӕр ахаст дарой ӕрдзмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕной зынгсирвӕзтты ныхмӕ ӕдасдзинад.