Хуссар Иры Къуыдаргомы бакодтой сывæллæтты цатырон лагерь

Къуаисамæ хæстæг хъæу Начърепайы уæвæг лагеры баулæфдзæн 70 сывæллонæй фылдæр, уый фæстæ сæ раивдзæн фæсивæдон форум
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Куыдаргомы сывæллæтты цатырон этнолагерь райдыдта йæ куыст. 76 сывæллоны æрбынат кодтой сæ цатырты, мадзал официалон æгъдауæй бакæндзысты æртыццæджы изæры, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина.

Цатырон лагер хъуамæ бакодтаиккой къуырийы райдайæны, фæлæ сæ боныгъæд ныффæстиат кодта.

"Этнолагерь абон бакодтам, сывæллæттæ æрбынат кодтой сæ цатырты, сæхи ныннадтой цæугæдоны. Изæры уыдзæн официалон баконд. Нæ нывæзтыл гæнæн ис бандава æрмæст боныгъæд", - загъта уый.
Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"

Этнолагеры фӕсивӕды хъусдард аздахдзысты ирӕтты историон ӕмӕ культурон бынтӕм. Организатортӕ фӕхондзысты бынӕттон специалистты тренингтӕ ауадзынмæ, кӕцыты фӕрцы фӕсивӕд базондзӕн сӕ адӕмы истори, ӕвзаг, традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй.

Лагеры бынат зынгдгонд у йӕ сыгъдӕг уӕлдӕф ӕмӕ алыгъуызон аив бынӕттӕй. Хайадисджытӕ сты 14-17 азы кары сывӕллӕттӕ. Арæзт цæуы рӕзгӕ фӕлтӕры монон-фӕткон хъомылады фӕдыл паддзахадон программӕйы реализацийы фӕлгӕтты.