Шойгу схорзӕхджын кодта Хуссар Иры "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы оперативон штабы кусджыты

Уӕрӕсейы минӕварады Хуссар Ирыстоны УФ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы номӕй радтой майдантӕ республикӕйы "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы оперативон штабы кусджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы кусджыты культурӕйы министр Зассеты Жаннайы сӕргълӕудӕй. Майдантӕ "За заслуги в увековечении памяти погибших защитников Отечества" ӕмӕ "Памяти Героев Отечества" радта Уӕрӕсейы минӕвар республикӕйы Марат Кулахметов ӕртыццӕджы.

Шойгу схорзӕхджын кодта Хуссар Иры "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы оперативон штабы кусджыты

Минӕвар саргъ кодта "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы куыстӕн ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты агурыны фӕдыл ӕмӕ бахахх кодта, уый кӕй у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг куыст.

"Мах иууылдӕр стӕм хӕсджын сӕ разы. Уыдон сӕ цард радтой, цӕмӕй мах цӕрӕм. Уӕ коллектив егъау куыст бакодта. Сбӕрӕг кодтой ӕфсӕддонты 17 019 ингӕны, кӕцытӕ ацыдысты хӕстмӕ Хуссар Ирыстонӕй. Ацы куыстӕн саргъ кодта Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу дӕр", - радзырдта Кулахметов.

Уый банысан кодта, Ирыстоны адӕм кӕй бахастой стыр хайбавӕрд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, хӕсты кӕй фӕмард Ирыстоны адӕмы 11 мин минӕварӕй фылдӕр ӕмӕ авд минмӕ ӕввахс та ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты.

Шойгу схорзӕхджын кодта Хуссар Иры "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы оперативон штабы кусджыты

Культурӕйы министр Зассеты Жанна бахахх кодта, ацы майдан кӕй у ахсджиаг хорзӕх йӕ царды.

Зассеты Жанна: домдзӕн "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ӕн традицион цыд ауадзын

"2005 азы мах ракодтам хистӕркъласонты Хуссар Ирыстоны хӕсты амӕттӕгты къамтимӕ. Фӕзуатыл ӕрӕмбырд сты сывӕллӕттӕ, кӕцыты къухты уыдысты се ‘фсымӕртӕ ӕмӕ фыдты къамтӕ. Уый фӕстӕ, 2012 азы Томскы фӕзынд змӕлд "Ӕнӕмӕлгӕ полк", ӕмӕ Цхинвал дӕр ӕрбаиу ацы акцимӕ", - радзырдта Sputnik Зассеты Жанна.

Культурӕйы министр бахахх кодта, штабы кусджытӕ кӕй кусынц ӕнӕ мыздӕй – ӕрвылбон уыдон сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕрбацӕуынц сӕ хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ.

Зассеты Жанна загъта бузныг уӕрӕсейаг минӕварад ӕмӕ Марат Кулахметовӕн штабы куыстӕн саргъ кӕныны тыххӕй, афтӕ ма загъта бузныг журналисттӕн, сӕ куысты тыххӕй сын кӕй фыссынц.