Цхинвалы раафтид сты дуканиты тæрхджытæ

Мæйы райдайæнæй æхсæнады дзырд цæуы уæрæсейаг таможнæйы сæртыл уæзтæ ласыны зындзинæдтыл
Sputnik

Проблем та радон хатт фæзынд Евразийы экономикон цæдисы таможнæйы фæткы фæдыл, кæцы фидаргонд у Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы таможнæйы органты интеграцийы бадзырды, кæцы фидар ʻрцыд 2016 азы.

Уæзласæн хæдтулджыæ цалдæр суткæйы баззайынц таможнæйы, кæцыдæрты бахъæуы фæстæмæ аздæхын, амалиуæггæнджытæ бахаудтой хæсты.

Уæрæсейаг структурæтимæ баныхастæ хатдзæгтæм нырма нæ кæнынц.

Хицауад ныфс дæтты цыбыр æмгъуыдмæ проблема аиуварс кæнын – уый тыххæй хъавынц Уæрæсейы таможнæйы Цæгат Кавказы управлениимæ саразын фембæлд.