Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министры хӕдтулгӕ фехсыны цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг

Фӕдагуырды информацимӕ гӕсгӕ, министры хӕдтулгӕ фехстой Мӕскуыйаг микрорайоны ӕдзӕрӕг хӕдзарӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕджы хӕдтулгӕ фехсыны цауы фӕдыл генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг, фехъусын кодта уагдоны фӕдагуырды хайады хистӕр Джиоты Къоста.

Министры хӕдтулгӕ фехстой дысон 8 июны уынгыл. Йӕхӕдӕг уыд хӕдтулгӕйы, фӕлӕ нӕ бахъыгдард.

Джиоты Къостайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, министры хӕдтулгӕ фехстой ӕдзӕрӕг хӕдзарӕй, нӕмгуытӕ сӕмбӕлдысты хӕдтулгӕйыл, фӕлӕ пассажиртӕй ничи бахъыгдард.

МХМ пресс-службӕйы фехъусын кодтой, хӕдтулгӕ кӕй ӕхстой Макаровы пистолетӕй.

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нӕ фехъусын кодтой цауы ӕндӕр лыстӕгдзинӕдтӕ.