Хуссар Иры расидтысты конкурс арӕзтадон ӕрмӕджытӕ уадзджытӕн

Бизнес-проекттӕ уал фыццаг ӕвзардзысты республикӕйы экономикон райрӕзты министрады, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады расидтысты конкурс арӕзтадон ӕрмӕджытӕ уадзыны къабазы уӕлбарон кредиттӕ раттыны фӕдыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Конкурс уагъд цӕудзӕн 18-31 августы. Бизнес-проекттӕ уал фыццаг ӕвзардзысты республикӕйы экономикон райрӕзты министрады, уырдӕм мадзалы хайад райсыны тыххӕй йӕ документтӕ, се 'хсӕн бизнес-план, бадӕттыны фадат ис алкӕмӕн дӕр.

"Бизнес-планы хъуамӕ уа информаци нывӕзтгонд хӕрдзты ӕмӕ ӕфтиӕгты тыххӕй уӕлбарон кредиты архайды рӕстӕгмӕ, афтӕ ма хӕс ӕхцайы проценттӕ фидынӕн фӕрӕзтӕ ист кӕцӕй цӕудзысты, уый дӕр", - бамбарын кодтой пресс-службӕйы.

Цы документтӕ ӕмӕ уыдонмӕ цавӕр домӕнтӕ хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын, уый тыххӕй лӕмбынӕгдӕр базонӕн ис хицауады сайтыл.