Хуссарирыстойнаг боксеры фӕхуыдтой сбортӕм Мӕскуымӕ

Гӕджиты Гурам ахуырты хайадисӕг ссис, куыд йӕ уӕзы ӕмӕ кары Уӕрӕсейы хуыздӕр боксер, афтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг боксер, 2019 азы УФ фыццагады финалист Гӕджиты Гурам йӕ спортивон ӕнтыстытӕм гӕсгӕ бацыд Уӕрӕсейы ӕмбырдгондмӕ. Боксер ныридӕгӕн ис Мӕскуыйы сборты, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Хуссар Иры хуыздӕр боксерты фӕхуыдтой рӕвдзытӕм Знауыры дзюдойы скъоламӕ

Гӕджиты Гурам у Хуссар Ирыстоны архайгӕ спортсментӕн се 'нтысджындӕртӕй иу. Уый ивгъуыд азы Уӕрӕсейы раразмӕгонд ӕрцыд Европӕйы фыццагадмӕ дӕр, фӕлӕ уӕд ерыстӕ аивтой коронавирусы пандемиийы тыххӕй.

"Августы райдианӕй фӕстӕмӕ ис цӕттӕгӕнӕн ахуырты куыд йӕ кары ӕмӕ уӕзы Уӕрӕсейы хуыздӕр боксер. Ӕрӕмбырд дзы ис диссаджы сконд - 2005 азы гуырд цӕттӕдӕр боксертӕ", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортсменӕм Мӕскуыйы рӕвдзытӕ цӕудзысты 22 августмӕ.

"Сентябры райдайӕны та уый цӕуы ног сбортӕм, ныр та ахуыртӕ уыдзысты Кисловодскы", - бафтыда тренер.

Гӕджиты Гурам Цхинвалы цӕттӕ кӕны Дзигойты Ацӕмӕзы къухдариуӕды бын. Нырмӕ йын бантыст рамбулын 30 ерысы алы ӕмвӕзадты.