Цæгат Иры тæссаг у зынгсирвæзттæй, фæдзæхсы УУМ

Ирвæзынгæнджытæ сидынц цæрджытæм хъæды артимæ арæхстгай архайыны тыххæй, афтæ ма курынц, цæмæй хъæды æрдузты, цæхæрадæтты, быдырты, бæлæсты бын хус кæрдæг ма судзой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik. Цæгат Ирыстоны быдырон районты рагзагъд цæуы зынгсирвæзтытæй тас, хъусын кæны 15 регион республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады информацийыл æнцойгæнгæйæ.

"Зынгсирвæзтытæй (4 кълас) тас йæ тыхы уыдзæн 23 августмæ", — дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.

Ирвæзынгæнджытæ сидынц цæрджытæм хъæды артимæ арæхстгай архайыны тыххæй: цæмæй зынгхос, тамакойы æппарæнтæ, хæцъилтæ судзгæйæ ма ‘ппарой; цæмæй арт зынгæфтауæг донгъæдтæй кæнæ дымгæбон ма кæной; хъæды æрдузты, цæхæрадæтты, быдырты, бæлæсты бын хус кæрдæг ма судзой.