Банымады боны цытӕн Цхинвалы ацӕудзӕн шахмӕтты турнир

Ерыстӕм хуынд цӕуынц куыд ӕрыгон, афтӕ карджын шахматисттӕ дӕр республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ районтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадыл Уӕрӕсейы 'рдыгӕй 12 азы сӕххӕсты цытӕн Цхинвалы ацӕудзӕн ӕппӕтреспубликон турнир шахматтӕй. Ерысты архайдзысты фӕлтӕрд спортсментӕ горӕттӕ ӕмӕ районтӕй, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

Турнир ацӕудзӕн 27 августы.

"Ерыстӕ цӕуынц Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады бӕрӕгбоны цытӕн. Турнир уыдзӕн тагъд шахматтӕй, архайдзысты дзы кӕстӕр фӕлтӕр ӕмӕ карджын хъазджытӕ. Ӕнтыстджындӕртӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы призтӕ", - загъта уый.

Спортивон мадзал арӕзт цӕуы шахмӕтты Федераци, интернет-бастдзинады оператор "Юг-телеком" ӕмӕ кафе Vincenzo-йы тыхтӕй.