Лӕвар 120-азон юбилеймӕ: Абайты Васойӕн Дзæуджыхъæуы сӕвӕрдзысты цырт

Цырт æвæрд æрцæудзæн генийы райгуырдыл 120 азы сæххæстæн юбилейон мадзæлтты фæлгæтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицӕйы 2020 азы гениалон ирон ахуыргонд, ӕвзагзонӕг, этимолог æмæ профессор Абайты Васойӕн сæвæрдзысты цырт. Ахуыргонды ном сæнусон кæндзысты йæ 120 азы юбилеймæ, хъусын кæны Ossetia News.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 2 декабры. Юбилейон мадзæлттæ нысан æрцыдысты декабрьмӕ.

Цхинвалы сцалцæг кодтой зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы уынг

"Цырт æвæрд æрцæудзæн юбилейон мадзæлтты фæлгæтты, кæцытæ нывонд сты генийы райгуырдыл 120 азы сæххæстæн. Уымæй дарддæр ма рацæудзæн йæ куысты æмбырдгонд æмæ журнал "Nartamongæ-ы сæрмагонд номыр, уагъд цæудзысты конференцитæ, лекцитæ æвзонг ахуыргондтæ æмæ студенттæн, скъолаты цæудзæн сæрмагонд уроктæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Абайты Уасойæн ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цы ран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы.