Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд турнир футболӕй Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны цытӕн

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны боны цытӕн турнир сорганизаци кодта Ленингоры районы администраци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады командӕ рамбылдта турнир футболӕй, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны бонӕн. Турниры хайад райстой ӕхсӕз командӕйы. Финалы кубокыл тох кодтой Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ Цъинагары хъӕуы командӕтӕ.

"Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады командӕ ӕнтыстджынӕй ахызт къордон этап ӕмӕ финалы фембӕлд Цъинагары хъӕуы командӕимӕ. Фыццаг гол бакодтой Цъинагары командӕйы минӕвӕрттӕ, фӕлӕ мидхъуыддӕгты хайады командӕ уӕддӕр фӕуӕлахиз 2:1 хыгъдӕй", - дзырдӕуы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хъусинаджы.

Ленингоры районы администрацийы сӕрдар Мамытаты Виталий загъта бузныг турниры организатортӕ ӕмӕ хайадисджытӕн, ӕмӕ радта кубок уӕлахиздзаутӕн.

Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд турнир футболӕй Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны цытӕн