Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Джиоты Любайы концерт ацӕудзӕн Мӕскуыйы

Джиоты Люба архайдта конкурс "Азар ма"-йы ӕмӕ дзы бацис кӕсджыты хъӕлӕсты фылдӕр хаййы хицау. Уый Мӕскуыйы йӕ фыццаг солон концерты сӕххӕст кӕнцӕн зарджытӕ ӕртӕ ӕвзагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Мӕскуыйы ацӕудзӕн цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Джиоты Любайы солон концерт, фехъусын кодта Sputnik зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.

Солон концерты инициаторӕй ралӕууыдысты Любайы ӕмзӕххонтӕ - оперон зарӕггӕнӕг Хӕбӕлаты Лали ӕмӕ Битеты Наталья, афтӕ ма кутюрье Орхан Султан. 

ХИПУ-йы дуэт рауагъта йӕ фыццаг зарӕг

"Солон концерт ауадзыны хъуыды сӕм фӕзынд, Мӕскуыйы Хӕбӕлаты Лалиимӕ куы азарыдтӕн, уый фӕстӕ. Фыр цинӕй цы фӕуыдаин, уый нал зыдтон - мӕ фыццаг солон концерт уыдзӕн ӕмӕ тынг тыхсын. Мӕн фӕндыдаид, цӕмӕй мӕ фыццаг концерт ацыдаит мӕ райгуырӕ зӕххыл, фӕлӕ Мӕскуы дӕр тынг у", - загъта Люба.

Зарӕггӕнӕг бафтыдта, концерты кӕй айзӕлдзысты зарджытӕ ӕртӕ ӕвзагыл - ирон, уырыссаг ӕмӕ англисагау. Ныртӕккӕ Люба активонӕй йӕхи цӕттӕ кӕны йӕ ралӕудмӕ.

Мадзал ацӕудзӕн24 сентябры, 19.00 сахатыл ахӕм адресыл: уынг Тверская, 22а.